Дунейы чемпион Федор Чудинов титул бахъахъхъæныны тох акæндзæн бритайнаг боксер Умар Садикимæ
Дунейы чемпион, WBA Gold-мæ гæсгæ, Федор Чудинов титул бахъахъхъæныны тох акæндзæн бритайнаг боксер Умар Садикимæ. Фембæлд ацæудзæн абон Мæскуыйы. Уый тыххæй фехъусын кодта спортсмены тренер Сланты Виталий. Куыд зæгъы, афтæмæй, Федор Чудинов тохмæ йæхи бацæттæ кодта тынг хорз иумæ бакодтой стыр куыст. Тренер ма куыд бафиппайдта, афтæмæй тох уыдзæн зын, фæлæ сæ зæрдæ дарынц фæуæлахиз уæвыныл. Боксы изæры ма ноджыдæр архайдзæн Сланты Виталийы хъомылгæнинæгтæй иу, æрыгон боксер-профессионал Дзукъаты Давид. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дунейы чемпион Федор Чудинов титул бахъахъхъæныны тох акæндзæн бритайнаг боксер Умар Садикимæ
Категория:
Новости и СМИ