«Спецэкосе рвис» ы кусджытæ ацыдысты вакцинацийы процедурæ
Горæт сыгъдæг æмæ аивæй дарын. «Спецэкосервисы» кусджытæ ууыл архайын райдайынц суанг райсомы 4 сахатæй. Æдзух æхсæнадон бынæтты бырон кæй æфснайынц, уымæ гæсгæ кусджытæ æмбарынц, сæхи æмæ сæ алыварс адæмы кæй хъæуы бахъахъхъæнын коронавирусы низæй. Сæйраг мадзал та — вакцинаци. Иммунизаци ацæуыны курдиат бахастой 1-æм поликлиникæмæ. Дохтыртæ бацæттæ кодтой хъæугæ уавæртæ, лæмбынæг сæм æркастысты. Прививкæ кæмæн æмбæлы, уыдонæн абон скодтой Спутник V-йы фыццаг укол. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv