Тускъаты Таймураз фæсидт куыстытæ æххæстгæнджытæм сæ архайд бæлвырд æмгъуыдмæ аразын

2 тыс. подписчиков

12+
12+

22 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

22 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

22 просмотра

5 лет назад

Хицауады сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тускъаты Таймураз фембæлд министрадтæ, районтæ æмæ подрядон организациты разамонджытимæ. Дзырдтой социалон объектты арæзтады æмгъуыдыл, уыимæ нацпроекттæ æмæ паддзахадон программæтæ æххæст кæныны мадзæлттыл. Уыцы куысты фæзыны къуылымпыдзинæдтæ дæр. Зæгъæм, Хъызлары, Джызæлы, Сындзыхъæуы æмæ Дæллаг Санибайы цы рæвдауæндæттæ аразынц, уыцы бæстыхæйтты техникон цæттæдзинад сæ хæрзтæй нæу. Сæйраг аххосæгтæ: кусджытæ нæ фаг кæны, эксперттæ куыстыты хæрзхъæддзинадмæ нæ кæсынц, арæзтадон æрмæджытæ сты кадавар. Æмбырды ныхас кодтой æвзонг техникты æмæ натуралистты станцæты арæзтадыл Беслæны. Ольгинскæйы культурæйы хæдзары рацарæзт æмæ Æрыдоны ног спортивон галуаны фæзындыл æрдзырдтой хицæнæй. Тускъаты Таймураз æрдомдта куыстытæ бæстонæй æххæст кæнын. Æмбæлгæ куыст куы нæ кæной, уæд бадзырдтæ скъуыд æрцæудзысты, аххосджынтæ та дзуапп дæтдзысты закъонмæ гæсгæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv