Цæгат Ирыстоны коронавирусæй рынчынтыл суткæмæ бафтыд 9 адæймаджы
Цæгат Ирыстоны коронавирусæй рынчынтыл суткæмæ бафтыд 9 адæймаджы. Æдæппæтæй сæ нымæц у 4 587 адæймаджы, 4 106-æй сдзæбæх сты. Республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, республикæйы дзæбæхгæнæндæтты ис 251 адæймаджы. Уыдонæй Республикон Клиникон рынчындоны ис 225 адæймаджы. Референц-центры COVID-19 кæмæ сбæрæг кодтой, уыдоны нымæц у 38 адæймаджы. 12-æй сты улæфæн аппаратты бын. Сывæллæтты Республикон Клиникон рынчындоны ис 14 сывæллоны. Коронавирус дзы рабæрæг кодтой 3-мæ. Рахизфарсы районы сæйраг рынчындоны ис 9 адæймаджы, 1-мæ дзы сбæрæг ис коронавирус. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны коронавирусæй рынчынтыл суткæмæ бафтыд 9 адæймаджы
Категория:
Новости и СМИ