Хъæууон хæдзарады кондад сырæзт
Хъæууон-хæдзарады кондад Цæгат Ирыстоны 5 мæймæ сырæзт 15,6%. Æхцайы фæрæзтæй рауад 4 млрд æмæ 600 милуан сомæй фылдæр. Уый тыххæй журналисттæн фехъусын кодта паддзахадон статистикæйы федералон службæйы управлени. Сæрмагондæй стуры мыггаг хæдзарæдты у 94 мин æмæ 300 сæры. Уый фаронимæ абаргæйæ у 5,6% фылдæр. Управленийы бæрæггæнæнтæм гæсгæ фæфылдæр стуры, кæрчыты æмæ æйчыты бæрц дæр. 1-æм июнмæ хоры культурæтæ байтытдтой 71 гектарæй фылдæр. Картоф - 4 гектары, халсартæ дыууæ гектары чысыл цухæй. Хъæууон-хæдзарадон продукцийы кондадыл, 2018 азимæ абаргæйæ, 2019 азы фæфылдæр 11,6 %. Æхцайы фæрæзтæй уый у 30 млрд сомы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хъæууон хæдзарады кондад сырæзт
Категория:
Новости и СМИ