Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады объектты райрæзтæн республикæ уæлæмхасæн райсдзæн 130 милуан сомы
Цæгат Ирыстон цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады объектты райрæзтæн республикæ уæлæмхасæн райсдзæн 130 милуан сомы бæрц. Сæрмагонд бардзырд бафыста хицауады сæрдар Михаил Мишустин. Фæрæзтæ схардз кæндзысты коммуналон къабазы райрæзтыл. Иумæйаг оператор снысан кæнын, йæ бындурыл цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады регионалон исбонад иу системæмæ бахæсын æмæ тарифтæ æмбæлгæ фæткмæ снысан кæнын. Ног тарифтæ хицæн фæкæнынц, сæ размæ чи уыд, уыдонæй. Уымæ гæсгæ æппæт хæрдзтæ дæр федералон центр баххæст кæндзæн. Бафтаудзыстæм ма уый, ӕмӕ ацы аз бæстæйы хицауады фæстауæрцгæнæн фондæй регионты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады куыстуæтты райрæзты программæйæн радих кæнын фæнд кæнынц 930 милуан сомы.