Цæгат Ирыстоны цæуы сфæлдыстадон сменæ курдиатджын сыæллæтты ’хсæн
Цæгат Ирыстоны цæуы сфæлдыстадон сменæ курдиатджын сыæллæтты ’хсæн. «Ступени мастерства» ацæудзæн республикон аивæдты лицейы бындурыл. Республикæйы культурæйы министрады куыд фæнысан кодтой, афтæмæй æрыгон музыканттæ, нывгæнджытæ, хореографтæ районтæй æмæ Дзæуджыхъæуæй сæ арæхстдзинад æвдисынц, сфæлдыстады цы къабаз равзæрстой, уым. Фæсивæд ма æмбæлдзысты культурæйы архайджытимæ, араздзысты сын дæсныйад æвдисæг ахуыртæ, экскурситæ, фендзысты Дзæуджыхъæуы рагондæр бынæттæ. Уыимæ ма архайдзысты спортивон ерысты дæр. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ сывæллæттæ цæрынц санаторий «Осетия»-йы. Сфæлдыстадон сменæ фæуыдзæн 25-æм августы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны цæуы сфæлдыстадон сменæ курдиатджын сыæллæтты ’хсæн
Категория:
Новости и СМИ