Мæздæджы районы куыстдæттыны центр социалон контракты бындурыл цæрджыты куыстæй ифтонг кæны
Цæгат Ирыстоны къорд рæстæг æххæст кæнынц «Мæгуырдзинадимæ тох»-ы программæ. Уый фæрцы æххуысцух бинонтæ райсдзысты паддзахадон æххуыс. Куыст ссарын, ног дæсныйад райсын, уыимæ ма амалхъомады хи бафæлварын. Æппæт дунейы цæрджытæ дæр коронавирусы хæцгæ низимæ тохы куы бацыдысты, уæд Мæздæджы Тъехты Анастасия æнæ куыстæй аззад. Фидарæй йæ уырныдта, хъысмæт æм мидбылты кæй бахуддзæн, æмæ агуырдта ног куыст. Æнцад нæ бадт. Фæлæ йæ фæндтæ йæ къухы нæ бафтыдысты. Уый фæстæ курдиатимæ бацыдис бынæттон куыстдæттыны центрмæ. Уым ын уайтагъд ссардтой куыст, уый дæр ма ницы, фæлæ ма йын уыд равзарыны фадат дæр. Ныр кусы цæрджыты социалон бартæ хъахъæныны управленийы. Кусы цæрджыты куриатттимæ. Ахæм уавæры канд Анастасия нæ уыд. Ирина Лунович дæр пандемийæйы рæстæг катайы бацыд. Фæлæ та уымæн дæр бынæттон куыстдæттыны центры æмбæлгæ æххуыс бакодтой. Ссардтой йын сæйраг бухгалтеры куыст цæрæнуæтты коммуналон управленийы. Йæ ног куыстæй у райгонд, йæ зæрдæмæ цæуы. Иринæ йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй,кæд зын куыст у, уæддæр у цымыдисаг. Æппæт уыцы хæрзтæй уæлдай-ма чызджытæн материалон æгъдауæй дæр баххуыс кодтой. Сæ куысты фыццаг къахдзæфтæ кæнгæйæ ма 4 мæйы, мыздæй уæлдай, исдзысты 10 600 сомы. Ахæм хуызы æххуыс кæныны фадат фæзынд 2020 азæй. Ныридæгæн уал сты 39 адæймаджы. Уыдонæн сæ æрвылмæйон æфтиæгтæ уыдзысты цæрынæн æппынкъадæры бæрцæй фылдæр. Мæздæджы бынæттон куыстдæттыны центры куыд фæнысан кодтой, афтæмæй, сæ размæ цы хæстæ сæвæрдтой, уыдон проекты фæрцы куыд æххæстгонд цæууынц, уымæй разы сты æмæ дарддæр дæр дысвæлдæхтæй кусдзысты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Мæздæджы районы куыстдæттыны центр социалон контракты бындурыл цæрджыты куыстæй ифтонг кæны
Категория:
Новости и СМИ