Кад æмæ радимæ | Дуг. Цаутæ. Адæм
Нæ радон программæ «Дуг. Цаутæ. Адæм»-ы дзырды сæр уыдзысты, æхсæнады цард цы хъуыддæгтæй фидауы, кæнæ та нæ фидауы, уыдон. Рæхджы æмбæлдзыстæм Тымбылхъæды Дзуары боныл. Бæрæгбоны æууæлтæ ахæм рæстæг хъуамæ алкæйы зæрдæйы дæр цæрой. Ууыл архайдтой æмæ архайынц, цæттæгæнæн куыстытæ кæй бар уыдысты, уыдон. Бон раздæр мах нæ студийы бæстонæй æрныхас кодтам уыцы хъуыддæгтыл, ныр æй дарддæр хæццæ кæнæм. Уæдæ хи куыд бахъахъхъæнæн ис низæй, уый тыххæй дæр цалдæр ныхасы зæгъдзыстæм. Стæй ма иу хатт фæнысан кæндзыстæм хи дарыны `гъдау. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Кад æмæ радимæ | Дуг. Цаутæ. Адæм
Категория:
Новости и СМИ