Алагиры сбæрæг кодтой сывæллæтты хъахъхъæныны бон

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

Сывæллæтты хъахъхъæныны æппæтдунеон бонмæ бæстонæй сæхи бацæттæ кодтой Алагиры дæр. Сæйраг парчы ацыд концертон программæ. Сабитæ архайдтой алыхуызон конкурсты. Бæлвырддæр радзурдзæн Гæззаты Зæринæ. Сывæллæтты хъахъхъæнынын бон Алагиры бацæттæ кодтой цымыдисаг бæрæгбон. Сæйраг парчы адæмæй къух бавæрæн дæр нæ уыд. Стырæй-чысылæй — æппæты дæр фæндыд йæхи бахъæлдзæг кæнын, алыхуызон ерысты бацархайын. Алагиры районы фæсивæды комитеты минæвæртты хъæппæриссæй ам, раздæрау, æрæвæрдтой спортивон гæрзтæ. Алагиры богæлттæ, чи хуыздæр æмæ чи арæхсджындæрыл архайгæйæ, сæхи армрестлингы фæлвæрдтой. Фенæн дзы уыд, шашкæтæй хъазтыл æнувыд чи уыд, ахæмты, дæр. Адæмы зæрдæмæ кæй фæцыд, уый мадзал аразджытæн уыд тынг æхсызгон. Фæстæ нæ баззадысты культурæйы кусджытæ дæр. Абайты Галинæ йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй Алагиры цæрджытæ ацы бæрæгбонмæ тынг зæрдиагæй фенхъæлмæ кæсынц. Уый зонгæйæ, Культурæйы минæвæрттæ бæрæгбонмæ тынг биноныгæй бацæттæ кæнынц. Дзыллæйы размæ рахæссынц сæ хуыздæр кæфтытæ, рæсугъддæр зарджытæ. Афтæмæй адæмы зæрдæты сæвзæрын кæнынц алыхуызон ирд æнкъарæнтæ. Канд кафт æмæ зардæй нæ уыд бæркадджын бæрæгбон. Алырдæгæй дзы фенæн уыд адджинæгтиммæ тæрхæджытæ, хъазæн батутты алы хуызтæ, æмæ æндæр ирхæфсæн тынæттæ. Уæдæ конкурс «рисунок на асфальте»-йы фæлгæты та сабитæ сæ цымыдисаг нывтæй саив кодтой Алагиры сæйраг фæлладуадзæн парк. Ам иу уысммæ дæр не ’рынцад аниматорты куыст. Уыдон дæр хъæлдзæг кодтой бæрæгбоны сæйраг архайджыты-сывæллæтты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Алагиры сбæрæг кодтой сывæллæтты хъахъхъæныны бон

Категория:

Новости и СМИ