Цæгат Ирыстоны цæуы профилактикон рейд «Пешеход», зæгъгæ
Фæндаггон-патрулон службæйы æмæ паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ аразынц рейд фистæгцæуджыты æдасдзинадæн. Йæ сæйраг нысан у адæмы бахъахъхъӕнын фæндаггон фыдбылызтæй. Инспектортæ сæ цæст дарынц, Дзæуджыхъæуы æмæ нæ республикæйы районты фылдæр змæлд кæм ис, уыцы бынæттæм. Уромынц, фæндаггон фæтк чи халы, уыцы фистæгцæуджыты æмæ хæдтулгæты шофырты. Сæрмагонд цæст дарынц хистæр кары адæммæ. Уыдонимæ кæнынц профилактикон ныхас фæндаггон змæлды уагæвæрдты тыххæй. Лæвар сын кодтой рухсздахæн дзаумæттæ дæр. Уыдонæй пайда кæндзысты изæрыгæтты. Барадхъахъхъæнджытæ сидынц адæммæ, цæмæй фæндагыл æххæст кæной æппæт хъæугæ уагæвæрдтæ, фыццаджыдæр, хи фыдбылызæй бахизыны тыххæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны цæуы профилактикон рейд «Пешеход», зæгъгæ
Категория:
Новости и СМИ