Цæгат Ирыстоны фæзындзæн дзулфыцджыты цæдис
Цæгат Ирыстоны фæзындзæн дзулфыцджыты цæдис. Уыцы фарстайыл дзырдтой хъæууон хæдзарады министрады æмбырды. Уæрæсейы дзулфыцджыты цæдисы минæвæрттæ ссыдысты Мæскуыйæ, цæмæй бынæттон куыстуæтты архайд хуыздæр базоной. Дзулфыцæн компаниты санитарон уавæр æмæ технологитæй разыйæ баззадысты. Æмбырды цæгатирыстойнаг дзулфыцджытæ радзырдтой, цы къуылымпыдзинæдтæ сæвзæры сæ размæ æмæ куыд кусынц райхалинаг фарстатыл, уый. Мадзалы фæстæ сарæзтой иу документ. Бæлвырддæр æм æркæсдзысты Мæскуыйы. Республикæйы дзулфыцджыты цæдис куы фæзына, уæд йæ сæрдар федералон æмвæзадыл хъахъхъæндзæн Цæгат Ирыстоны ддзулфыцæн компаниты бартæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv