Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ сбæрæг кодтой Дзæуджыхъæу æмæ Беслæны фæндæгты уавæр

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

6 лет назад

Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ дарддæр бæрæг кæнынц республикæйы фæндæгты уавæр. 2017 азæй нырмæ æххæст кæнынц сæрмагонд проект «Пырх фæндæгты картæ», зæгъгæ. Фæндаджы уавæры тыххæй фехъусын кæнын æмæ йæ картæмæ бахæссыны фадат ис республикæйы алы цæрæгæн дæр. Æппæт хъæндзинæдтæ дæр фронты уæнгтæ бахæццæ кæнынц бæрнон ведомствæтæм. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ ацы хатт хъæндзинæдтæ кæм ссардтой, уый баззыдта ме ’мкусæг Плиты Хетæг. Темырты æфсымæрты номыл уынджы цы фæндаг ис, уый бындуронæй сцалцæг кодтой 4 азы размæ. Йæ уæлцъар ын раивтой, фæлæ дзы ранæй-рæтты дзыхъхъытæ фæзынд. Хæдтулгæты цæлхытæ дзы ныххауынц. Уый аххосæй машинæ сæтгæ дæр акæны. Беслæны Дзæрæхохы фырты номыл уынджы фæндаг у къуыппытæ-дзыхъхъытæ. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй фæндаг ахæм уавæрмæ æрцыд транзитон транспорты тыххæй. Фæткмæ гæсгæ йыл уæвгæ хъуамæ цæугæ дæр ма кæной. Цæуыны бар дзы ис, 8 тоннæйы онг цы машинæтæ ласынц, уыдонæн. Цæугæ та дзы кæны уымæй уæззаудæр хæдтулгæтæ æмæ фæндаг заууатмæ æртардтой. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ цы фæндæгтæ бæрæг кодтой, уыдон хаст сты «Пырх фæндæгты картæ»-йы хыгъдмæ. Ныртæккæ сæ цалцæг кæнæн ис гарантимæ гæсгæ. Темырты æфсымæрты номыл уынджы фæндаг, гæнæн ис, æмæ дыууæ мин дыууын фыццæгæм азмæ сног кæной. Дзæуджыхъæуы æмæ Беслæны фæндæгтæ цы куыстуат арæзта, уыдонмæ хъæуы бахатын, цæмæй фæндаг ногæй банывыл кæной. Рæстæг куы фæивгъуыйа, уæд арæзтадон куыстуат, гæнæн ис, æмæ фæндаг ногæй сцалцæг кæныныл ма сразы уа, гарантийы рæстæг фæци, зæгъгæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ сбæрæг кодтой Дзæуджыхъæу æмæ Беслæны фæндæгты уавæр

Категория:

Новости и СМИ