Фыдыбæстæйы хъæбатырты боны фæдыл Хуссар æфсæддон зылды дæлхайæдты цæуынц кадджын мадзæлттæ
Абон бæстæйы бæрæг кæнынц Фыдыбæстæйы хъæбатырты бон. Хуссар æфсæддон зылды дæлхайæдты цæуынц кадджын мадзæлттæ. Архайдзысты дзы хæстон цауты ветерантæ, гæрзифтонг тыхты æмæ барадхъахъхъæнæн оргæнты минæвæрттæ. Советон Цæдисы рæстæг ахæм кадджын ном дæттыны хъæппæрис снысан кодтой 1934-æм азы. Схорзæхджын дзы кодтой 11 мин адæймагæй фылдæры, уыдонæй 79 адæймаджы сты Ирыстонæй. 12 цæгатирыстойнагæн саккаг кодтой Намысы ордены æххæст кавалерты ном. Уый фæстæ сфидар кодтой Уæрæсейы Хъæбатыры хорзæх. Уымæй не`мзæххонтæй снысан кодтой 15 адæймаджы. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фыдыбæстæйы хъæбатырты боны фæдыл Хуссар æфсæддон зылды дæлхайæдты цæуынц кадджын мадзæлттæ
Категория:
Новости и СМИ