Дзæуджыхъæхуы байгом Ирон æвзаджы клуб
Дзæуджыхъæхуы байгом «Ирон æвзаджы ныхасæппарæн клуб». Архайын дзы сæ бон у ирон æвзаг хуыздæр базонын кæй фæнды, уыдонæй сеппæтæн дæр. Фембæлдтæ арæзт цæуынц дыууæ къуыри иу хатт. Проектаразæг у Сохиты Ланæ. 23-аздзыд чызг ахуыр кæны Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты магистратурæйы. Кусы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй дæр. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ фæсивæдæй бирæтæ иронау дзурынмæ нæ арæхсынц. Фембæлдты та сæйрагдæр уый уыдзæн, æмæ ныхас кæндзысты æрмæстдæр мадæлон æвзагыл. Куыд ма бафиппайдта, афтæмæй нырæй фæстæмæ дæр æппæт тыхтæ здахдзæн мадæлон æвзаджы райрæзтмæ æмæ бахъахъхъæнынмæ. Клубы архайджытæ ныридæгæн сты 15. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæхуы байгом Ирон æвзаджы клуб
Категория:
Новости и СМИ