ЦИПУ-йы нау кон чиныгдоны байгом фæсивæдон форум
Дзæуджыхъæуы райдыдта фæсивæдон форум. Программæмæ бахастой лекцитæ, тренингтæ, дæсныйад æвдисæн ахуыртæ æмæ æмбырдтытæ. Сæ фæлтæрддзинад не 'вгъау кæнынц нæ бæстæйы 15 субъектæй спикертæ. Форумы архайджытæ — цæгатирыстойнаг студенттæ. Ахæсдзæн 3 боны. Студенттæ уæлдæр ахуыргæнæндон каст куы фæвæййынц, уæд æрлæууынц ног фæндагыл. Ахуыры рæстæг цы зонындзинæдтæ райстой, уыдонæй пайда кæнын райдайынц практикæйы. Цæгат Ирыстоны сстуденттæ ныр ахуыр кæндзыысты фæлтæрдджын специалисттæм. ЦИПУ-йы наукон чиныгдоны абон байгом кодтой фæсивæдон карьерон форум. Аразынц æй проект «Умные недели»-йы, зæгъгæ, фæлгæты. Спикертæ ссыдысты нæ бæстæйы 15 регионæй. Архайынц дзы республикæйы студенттæ. Форумы фæлгæты байхъусдзысты цымыдисаг лекцитæм, бацархайдзысты тренингты æмæ æмбырдыдты. Августы кæрон проектыл бакусдзысты 60 регионæй фылдæры. Ацы аз апрелы фæзынд регионалон хайад «Знание». Разамынд ын дæтты ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан. Уæрæсеаг æхсæнад «Знание» архайы 1947 азæй нырмæ. Йæ сæйраг хæс — зонындзинæдты ахадындзинад уæлдæр кæнын æмæ рухс тауын нæ бæстæйы. Форум ахæсдзæн 23 июльмæ. Бацархайыны фадат дзы ис, кæй фæнды уыдонæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv