Æрыдоны районы райрæзтыл ныхас кодтой республикæйы хицауады уæнгтæ
Паддазахадон программæтæ æмæ национ проекттæ куыд кусынц Æрыдоны районы, ууыл ныхас кодтой хицауады уæнгтæ. Азымты Иринæйы разамындæй бынаты сарæзтой сæрмагонд æмбырд. Дзуаппдæттæг министрадты разамонджытæ, районы администрацийы уæнгтимæ дзырдтой ахуырад, спорт æмæ культурæйы къабæзтыл. 2020 азы Æрыдоны районы сарæзтой æмæ сцалцæг кодтой 30 ахсджиаг социалон объектæй фылдæр. Се `хсæн ахуырады объекттæ дæр. Хъæдгæрон, Мичуриныхъæу æмæ Къостайы скъолатæ ногæй сæ хуыз скалдтой. Æрыдоны 4 ахуыргæнæндоны та фæзындысты «Точки Роста», зæгъгæ, центртæ. 2022 азы ма сыл бафтдзæн ноджыдæр дæс. Проект «Успех каждого ребенка», зæгъгæ, уый фæлгæты Сывæллæтты сфæлдыстады хæдзармæ балхæдтой мультимедион кусæнгæрзтæ. Программæ «Земский учитель» æххæстгæнгæйæ куысты бынæттæ фæзынд æххуысагур специалисттæн. Сæ бон ма у 2 адæймаджы райсын. Азымты Иринæйы ныхæстæм гæсгæ, скъолаты директортæ хъуамæ æнæмæнгæй кусой уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ. Педагогон дæсныйæдтыл Æрыдоны районæй цы студенттæ ахуыр кæнынц, уыдон кусынхъом хъуамæ хистæр курсыты. Æрыдоны район - культурæйы авдæн. Ацы къабаз дæр фæстаг 3 азы æнæрхъуыды нæ уыд. Фæзынд дзы культурæйы 5 хæдзары. Азымты Иринæ куыд фæнысан кодта, афтæмæй сæ къултæ хъуамæ æмырæй ма лæууой. Мæймæ дзы хъуамæ 3 культурон мадзалæй къаддæр хъуамæ ма уа. Мидварнæй хъæздыг адæм уымæй кæндзысты фылдæр. Ныхас цыд спортыл дæр. Æрыдоны районы йыл æнувыд сты 8 мины æмæ 5 сæдæ адæймаджы. Сæ нымæц зынгæ фæфылдæр уыдзæн, ног спортивон комплекс куы байгом уа, уæд. Фæсивæдæн фадат уыдзæн боксмæ, уæгъдибар хъæбысхæстмæ, рог æмæ уæззау атлетикæмæ, теннис æмæ спорты æндæр хуызтæм æмхиц уæвынæн. Æрыдоны районы ма æнтыстджынæй кусынц фехтованийы секцитæ дæр. Уæвгæ уыдæттæн сæ фылдæр районы центры ис. Тотраты Владислав куыд фæнысан кодта, афтæмæй хъæуккаг фæсивæды уавæртæ къуындæгдæр сты. Хъуыддагыл бакусынæн районы разамынд кусы спорты министрадимæ. Фембæлды архайджытæ ма дзырдтой программæ «Борьба с бедностью», зæгъгæ, ууыл. Йæ фæлгæты дзуаппдæттæг кусæндонмæ æрбафтыд 151 курдиаты. Уыдонæй уал разыйы дзуапп райстой 16. Иу курдиат баст уыд хи хæдзарад байгом кæныны фарстаимæ, иннæтæ та - куысты бынæттимæ. Азымты Иринæ фæнысан кодта, администрациты æмæ æххæстгæнæн оргæнты æмгуыстады руаджы раиртасæн ис, адæмы тынгдæр цы тыхсын кæны, уыцы хъуыддæгтæ. Уый хынцгæйæ, фембæлды кæронбæттæн министрад æмæ дзуаппдæттæг кусæндæтты разамонджытæ райстой ног хæслæвæрдтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æрыдоны районы райрæзтыл ныхас кодтой республикæйы хицауады уæнгтæ
Категория:
Новости и СМИ