Аэропорт «Дзæуджыхъæу» фæфылдæр кодта бæлццæтты нымæц

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 лет назад

Аэропорт «Дзæуджыхъæу» фæфылдæр кодта бæлццæтты нымæц. Ацы аз июлы аэропорты лæггæдтæй спайда кодтой 52 мин 569 бæлццоны. Уый, 2019 азимæ абаргæйæ, у 2% фылдæр. 31 июлы та аэропорты лæггæдтæй спайда кодтой 2 мин 167 адæймаджы, рейсытæ та скодтой 18 хатты. Фылдæр рейсытæ акодта авикомпани «Победа». Йæ фæрцы абалц кодтой 6 мин 935 адæймаджы. Уый, фаронимæ абаргæйæ, у 26 % фылдæр. Адæм фылдæр райдыдтой тæхын Санкт-Петербургмæ. Ивгъуыд мæйы уыцырдæм сарæзтой 219 рейсы. Æдæппæтæй та ацы аз январæй июлмæ Цæгат Ирыстоны 235 мин 614 цæрæджы спайда кодтой аэропорт «Дзæуджыхъæу»-ы лæггæдтæй. Пандемийæйы аххосæй фæткæй систой бирæ æппæтадæмон рейсытæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, æрвылбон Дзæуджыхъæуæй ис абалц кæнæн Мæскуымæ æмæ Санкт-Петербургмæ. 12-æм августæй фæстæмæ та фæфылдæр кæндзысты Сочимæ рейсыты нымæц. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Аэропорт «Дзæуджыхъæу» фæфылдæр кодта бæлццæтты нымæц

Категория:

Новости и СМИ