Дзанайты Барис амыдта хицауады радон æмбырд
Бæстæйы Президенты амындзинæдтæ куыд æххæстгонд цæуынц, цæрджыты зæхлæбырдтæй тæссаг бынæттæй æдас рæттæм раивыны фарстатыл республикæйы хицауады сæрдар Дзанайты Барис æрдзырдта вице-премьертимæ. Уымæй уæлдай ма æмбырды ныхас цыд горæты аивдзинад æмæ æнцон фадæттæ саразыны куыстыл, ахуырадон уагдæтты бындурон цалцæджы программæты райрæзтыл. Дзанайты Барис бабар кодта, 2024-æм æмæ 2025-æм азы бюджетмæ социалон инфраструктурæйы цалцæг æмæ рацарæзты фæдыл курдиæттæ баххæсынмæ цæст æрдарын. Уæлдайдæр республикæйы национ проекттæ æмæ паддзахадон программæты райрæзт. Дзанайты Барис йæ хæдивджытæй бадомдта, нысангонд мадзæлттыл бстонæй бакусын.