Посёлок Редант-2 ый кæронмæ фæхæццæ кæнынц фæндаджы цалцæггæнæн куыстытæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

6 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

6 просмотров

6 лет назад

Редант 2 поселочы сæйрагдæр райхалинаг фарстатæй иу уыд дон æнæкъуылымпытæй цæуыны хъуыддаг. Сног кодтой дондзæуæн хæтæлты 8 км. Фæндаджы уæлцъар дæр ивд æрцыд. Ныр бынæттон цæрджытæ цин кæнынц ног асфальтыл. Фæндаджы асфальтæн йæ фылдæр хай конд у. Кусджытæ цырд февнæлдтой, архайынц сæрæнæй. Ныридæгæн сифтонг кодтой донуадзæн хæтæлтæ. Фыццаджыдæр та, куыст цыд сæйраг дондзæуæнæй алы хæдзармæ дæр хицæн хæтæл бакæныныл. Ахæм хӕдзӕрттӕ ам 84 ис. Фарон аз поселоччы æнæхъæнæй раивтой æмæ фæуæрæхдæр кодтой дондзæуæн хæтæлтæ. Иу заууат хæтæлы бæсты дзы ныр ис æртæ ноджы. Донуадзæн ног системæ донцухӕй нӕ уадзы бынæттон цæрджыты. Хæццæ кæны, социалон нысаниуæн кæмæн ис, уыцы хӕстӕгдӕр объекттæм - зынгхуыссынгæнджыты станцæ ӕмӕ арæнхъахъхъæнджыты службæмӕ. Дон цæуы цæхæрадæтты æмхæларады цæрджытæм дæр, пайда дзы кæнынц 4 мин адæймагæй фылдæр. Кусджытæ раивтой хӕтӕлты 8 километры. Редант 2-ы цæрджытæ зæгъынц, зæгъгæ, ныр наузыны дон къуылымпытимæ нал цæуы. Уæдæ ацæуæнты рацарæзтмæ дæр адæм рагæй æнхъæлмæ кастысты. Раздæры фæндагӕн ныккæлынмæ бирæ нал хъуыд. Хæдтулгæтæн дзы ацæуæн æппындæр нал уыд. Уый аххосæй æхсæнадон транспорт дæр зынтæй цыд йæ фæткмæ гæсгæ. Фæндаггон цалцæггæнæн куыстытæ тыгъд фæуыдзысты. Хъæуы ма дзы бордюртæ скæнын. Уый хыгъд Редант 2-ы цæрджытæ арфæ кæнынц кусджытæн æмæ республикæйы разамындæн, ахæм бæстон зылд кӕй бакодтой æмæ куыд фæндыйы цæстæй кæй нæ кæсынц, уый тыххæй. Гогаты Марат _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Посёлок Редант-2 ый кæронмæ фæхæццæ кæнынц фæндаджы цалцæггæнæн куыстытæ

Категория:

Новости и СМИ