Дзанайты Барис фембæлд доны ресурсты федералон агентады разамонæджы хæдивæг Наталия Сологубимæ
Республикæйы сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ хицауады сæрдар Дзанайты Барис фембæлд доны ресурсты федералон агентады разамонæджы хæдивæг Наталия Сологубимæ. Дзуапдæттæг кусæгимæ премьер æрдзырдта доны былгæрæттæ фидаргæнæн куыстыты тыххæй. Тыхджын уарынты фæстæ Дзуарыхъæу, Суадаг æмæ Ногхъæуы цæрджытæ донласт фæвæййынц. Сæрмагондæй хауы, сæ хæдзæрттæ доны былгæрон кæмæн сты, уыцы адæммæ. Къаннæг цæугæдоны хæл-хæлмæ тасхуызæй кæсынц 200 сæдæ хæдзары, æдæппæтæй 800 адæймаджы. Проектон-хыгъдон гæххæттытæ, уыимæ паддзахадон экспертизæ æппæт æртæ объекты дæр ацыдысты. Раздæр Сергей Меняйло Мæскуыйы фембæлдис Уæрæсейы хицауады сæрдары хæдивæг Виктория Абрамченкоимæ. Дзырдтой, националон æмæ регионалон проекттæ республикæйы куыд æххæст кæнынц, ууыл. Уæд Виктория Абрамченко донивылдтыты фарстайы фæдыл зæрдæ бавæрдта баххуыс кæнынæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv