Дзæуджыхъæуы байгом уыдзæн республикæйы театралон архайджыты цæдисы режиссурæйы лаборатори
«Ирон классикон драматургимæ нырыккон цæстæнгас». Ахæм номимæ режиссурæйы лаборатори байгом уыдзæн республикæйы Театралон архайджыты цæдисы. Йæ райрæзтыл кусынц куыд профессионалон актёртæ, афтæ хæдахуыртæ дæр. Æдæппæтæй сты 15-æй. Уыимæ ма, 6 режиссёры. Се 'хсæн театр-студи «ШКиТ»-ы разамонæг Теблойты Лейлæ, Ирон театры режиссёр Хъæцмæзты Ацæмæз, Уырыссаг театры актёр Николаус Мавроматидис æмæ Санкт-Петербургæй режиссёр Александра Тэйнина. Театралон лаборатори байгом уыдзæн хæстæг рæстæг. Фыццаг равдыст уыдзæн мартъийы райдианы. Ныртæккæ кино æмæ театры скъолайы бындурыл цæуынц репетицитæ. Фæнысан кæндзыстæм уый дæр, æмæ равдыстытæ уыдзысты куыд уырыссагау, афтæ иронау дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv