Джиоты мыггаг сарæзтой сæрмагонд фонд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

Джиоты мыггаг сарæзтой сæрмагонд фонд. Йæ минæвæрттæ афæдзы дæргъы кæнынц хæрзаудæн куыст. Уыимæ ма баллæуынц æххуысцух бинонты уæлхъус. Сæ мыггагæй хæсты чи архайдата, уыдоны гæххæтыттæ агуырынц. Уæдæ сæм ис сæхи сæрмагонд сайт интернеты тыгъдады дæр. Джиоты мыггаджы минæвæрттæ фембæлдысты Барбашовы фæзы. Ам æрымысыдысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи архайдта, уыдоны. Сæдæгай хуызистыты `хсæн сæ мыггаджы минæвæрттæ дæр ис. Иууылдæр архайдтой тугкалгæ хæсты. Сæрмагонд сайт фæзынд Джиоты Давиды хъæппæрисæй. Ныридæгæн дзы нысангонд æрцыдысты хæсты архайджытæй цыппар сæдæ адæймаджы. «Мах сарæзтам Джиоты мыггаджы сæрмагонд сайт. Йæ райрæзтыл архайæм. Ныртæккæ кусæм Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи фесæфт, уыдоны нæмттæ сбæлвырд кæнынл», - Джиоты мыггаджы фонд аразæг Джиоты Давид. Джиоты мыггаджы фонд кусы афæдз. Уыцы рæстæгмæ сæ къухы бирæ хъуыддæгтæ саразын бафтыд. Аразынц хæрзаудæн акцитæ, хæсты быдыры æбæрæгæй цы хæстонтæ фесæфт, уыдоны нæмттæ бæлвырд кæнынц. Æххуысцух бинонтæм дæр се ргом здахынц. «Ныртæккæ пандемийæ рæстæг хойрагæй баххуыс кодтам æххуысцух бинонтæн. Дыууæ бинонтæ дзы цæрынц Хуссар Ирыстоны. Уымæй уæлдай ма адæмæн байуæрстам медицинон маскæтæ, фæхай дзы кодтам бархинтæн дæр», - Джиоты мыггаджы фонд аразæг Джиоты Давид. Мыггаджы минæвæрттæ уæлдай æргом здахынц фæсивæды патриотон хъомыладмæ дæр. «Нæ мыггаг цыбыр нæу. Зынгонд адæм нæм бирæ ис. Фæлæ нæ мыггаджы равзрд, йæ истори бæлвырдгонд не сты. Уымæ гæсгæ хъæуы бæстонæй бакусын. Дæнцæгæн æрхæсдзынæн 15 аздзыд лæппу Джиоты Константины Хуссар Ирыстонæй. Стыр курдиаты хицау у. Арæх свæййы конкурстæ æмæ олимпадæты уæлахиздзау. Йæ æнтыстдзинæдты тыххæй ын хъусын кæнæм мыггагæн мах дæр», - РЦИ-Аланийы фæсивæдон парламенты сæрдары хæдивæг Джиоты Георгий. Джиоты мыггаг ногæй рауагътой чиныг, сæ мыггаджы равзæрды тыххæй скодтой бæлас. Уымæй уæлдай кусынц сæ сæрмагонд сайтыл æмæ социалон хызæгты райрæзтыл дæр. «Джиоты мыггаджы фонды æрæджы райдыдтон архайын. Фæсивæд мæм фæсидысты æххуысмæ. Æртæ мæйы æмгъуыдмæ бакодтам бæстон куыст. Цыртдзæвæнтæ бæрæг кæнæм. Пандемийæйы рæстæг царды зын уавæрты чи бахауд, уыдонмæ не `ргом раздæхтам. Фондæн чи æххуыс кæны, уыдоны нымæц рæзы æмæ уый æхсызгон у. Бирæтæ фæзæгъынц бузныджы ныхæстæ сæ бинонтæй хæсты чи фесæфт, уыдоны ингæнтæ куы сбæрæг кæнæм, уæд», - ЦИПУ-йы ахуыргæнæг Джиоты Максим. Джиоты мыггаджы фонды минæвæрттимæ бастдзинад саразæн ис сæ сæрмагонд сайты æмæ социалон хызæгты сæрмагонд сыфты. Аида Кутарова _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Джиоты мыггаг сарæзтой сæрмагонд фонд

Категория:

Новости и СМИ