Кировы районы фæнд кæнынц, кæсæгтæ кæм дардзысты, ахæм ног куыстуат байгом кæнын
Кировы районы саразынвæнд кæнынц ног куыстуат. Кæндзысты дзы кæсаджы куыст. Уый тыххæй фехъусын кодта бынæттон администрацийы сæргълæууæг Батяты Хъазыбег. Куыд зæгъы, афтæмæй кæсагдарыны къабаз инвесторты руаджы республикæйы рæзы. Хъæууон-хæдзарады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уæй кæныны кæсаджы бæрц Цæгат Ирыстоны азæй-азмæ парахат кæны. Кæд 2017 азы хиконд базайраг кæсаджы кондад уыд 340 тоннæйы, уæд ивгъуыд азы хатдзæгтæм гæсгæ йæ бæрц 3 мин тоннæйæ ахызт. Уыцы бæрæггæнæн дыууæ азы фæстæ фæнд кæнынц 15 мин тоннæмæ схæццæ кæнын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Кировы районы фæнд кæнынц, кæсæгтæ кæм дардзысты, ахæм ног куыстуат байгом кæнын
Категория:
Новости и СМИ