Хъæууон хæдзарады кусджытæн ацы аз халсартæ зайын кæнынæн рахай æндзысты 20 хъæрмуаты
Хъæууон хæдзарады кусджытæн ацы аз халсартæ зайын кæнынæн рахай кæндзысты 20 хъæрмуаты. 2021-æм азы ацы мадзалы руаджы гранттæ чи райста, уыдонæн хъæрмуæттæн радих кæндзысты 1,2 гектары. Уыимæ ма сæ сифтонг кæндзысты хъармгæнæн æмæ дон пырх кæнæн системæтæй. Хъæрмуæттæ хай кæндзысты æрмæст хъæугæ инженерон коммуникацитæй ифтонггонд чи уа, уыцы зæхкусджытæн. Рагагъоммæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ 2022-æм азы кæронмæ грантты руаджы зæхкусджытæ халсарты тыллæг сæмбыр кæндзысты 4 мин тоннæйы. Фермертæн хъæрмуæттæ рахай кæныны хъæппæрис рахаста республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Æмткæй райсгæйæ хъæрмуаты конструкци ахсы 480 квадратон метры. Фермертæн æй раттынц лæвар. Газæй æмæ хъæугæ кусæнгæрзтæй хъæрмуат ифтонг кæны фермер йæхæдæг. Бафтаудзыстæм ма, 2019 азы хъæрмуæттæ радтой 22 зæхкусæгæн. Ацы мадзæлттæ арæзт цæуынц, цæмæй республикæйы цæрджытæ хъæууон хæдзарады къабазы фылдæр архайой, уый тыххæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хъæууон хæдзарады кусджытæн ацы аз халсартæ зайын кæнынæн рахай æндзысты 20 хъæрмуаты
Категория:
Новости и СМИ