Цæгат Ирыстоны кусын райдыдта «Алания продукт» инвестпроекты фыццаг экперименталон хай

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

5 лет назад

Фыццаг эксперименталон инвестицион проект «Алания продукт»-ты хай бацæттæ кодтой хæххон аграрон университеты ветеринарон хайады. Ам æхсырæй цæттæ кæнынц æнахуыр туагæхсыры продукттæ. Ныридæгæн сæ ис фенын дуканиты тæрхæджытыл. Æхсыры технологиты специалисттæ сбæрæг кодтой йæ ад, хæрзхъæддзинад æмæ пайда. Æхсыр куыстуатмæ бахауы ветеринарон æркасты гæххæттытимæ. Уымæй уæлдай ма æхсыры хæрзхъæддзинад сбæрæг кæнынц лабораторийы. Туагад, бæзн æмæ сойаджы миниуджытæ хъуамæ дзуап дæттой хъæугæ домæнтæн. Домæнтæн дзуаппдæттæг æхсыр специалисттæ арвитынц пастеризацимæ. Сæрмагонд кусæнгарзы цæуы 60 литры. Æхсыр схъарм кæнынц 85 градусы онг. 5 минуты фæстæ температурæ æрхауы 37 градусмæ æмæ йæм бафтауынц ахсæн. Уый фæстæ йæ азмæнтынц æмæ йæ термостаты ныккæнынц. Термостаты ахст æхсыр 4 сахаты фæдарынц иу температурæйы бын. Цалынмæ продукт цæттæ фæкæны, уæдмæ æндæр бæстыхайы фендадзынц фирмæйы этикеткæ. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, авгæй конд бутылкæтæ сты æдасдæр, уыимæ хойраджы ад хуыздæр бахъахъхъæнынц. Суткæмæ куыстуат рауадзы æхсырæй конд продукцийы 60 литры онг. Продукты хæрзхъæддзинад, ад æмæ пайдайæн аргъ скодта Цæгат Кавказы федералон университеты æхсыры кондады технологиты кафедрæйы разамонæг Иван Евдокимов. Йæ ныхæстæм гæсгæ куыстуат у чысыл, фæлæ йын ис бæстонæй арæзт кондад. Хæххон-агарарон университеты 70 азæй фылдæр кæнынц æхсырæй конд продукци. Куыстыл бафтауынц студентты дæр. Уæлдæр ахуыргæнæндоны ис æппæт фадæттæ бæрзонд æмвæзадыл биотехнологты цæттæ кæнынæн. Абоны бонмæ Хæххон-аграрон университеты биотехнологтæ райстой 115 патенты, официалон æгъдауæй та ныффидар кодтой 98 промышленнон микроорганизмты штаммтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv