Цæгат Ирыстоны цæттæ кæнынц Абайты Васойы юбилей сбæрæг кæнынмæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

Цæгат Ирыстоны цæттæ кæнынц Абайты Васойы юбилей сбæрæг кæнынмæ. Ацы аз нæ зындгонд æмзæххон, ирайнаг æвзæгтæ иртасæг, Уæрæсейы ахуыргонд-филолог, бæстæзонæг, профессор Абайты Васойы райгуырдыл æххæст кæны 120 азы. Бæрæгбон саразыны фæдыл абон ацыд æмбырд. Амыдта йæ хицауады сæрдары хæдивæг Азымты Иринæ. Онлайн-бастдзинады фæрцы ныхас кодтой сæрмагонд къамисы уæнгтæ. Пъланмæ гæсгæ фæнд кæнынц рауадзын Абайты Васойы куыстыты юбилеон æмбырдгонд æртæ томæй æмæ наукон журнал «Nartamongæ»-йы сæрмагонд рауагъд. Æрыгон ахуыргондтæн сараздзысты конференци, ахуыргæнджытæн та бакæсдзысты лекцитæ. Сараздзысты ма æппæтадæмон конференци «Абаевские чтения», зæгъгæ. Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты бацæттæ кæндзысты мемориалон кабинет. Уыимæ ма юбилеймæ байгом кæндзысты йæ номыл цыртдзæвæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны цæттæ кæнынц Абайты Васойы юбилей сбæрæг кæнынмæ

Категория:

Новости и СМИ