Ирвæзынгæнæджы æппæтуæрæсеон боны фæлгæты Цæгат Ирыстоны хуыздæрты фæбæрæг кодтой
Ирвæзынгæнæджы бон сбæрæг кодтой Цæгат Ирыстоны. Бæрæгбоны фæдыл сын арфæйы ныхæстæ ракодта республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Томайты Ирбег. Битарты Вячеславы номæй сын балæвар кодта майдантæ æмæ Кады гæххæттытæ. Раззагдæрты ’хсæн уыд республикæйы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады сæйраг разамынды хицауы хæдивæг Кокайты Алан. Хорзæхджынгонд æрцыд «Ирыстоны Намыс»-ы майданæй. Куысты чи фесгуыхт, уыцы ирвæзынгæнджытæн та радтой «Цæгат Ирыстоны сгуыхт ирвæзынгæнæджы» нæмттæ. Се ‘хсæн: Плиты Руслан, Геннадий Зевахин, Хъаммæрзаты Зауырбег. Уымæй уæлдай ма Кады гæххæттæй саккаг кодтой Джанайты Павел, Евгений Беляев, Цогойты Артур, Тъехты Вячеслав æмæ æндæрты. Профессионалон бæрæгбоны фæдыл йе `мкусджытæн арфæ ракодта Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады Цæгат Ирыстоны сæйраг управленийы разамонæг Александр Хоружий дæр. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй кусджытæн сæ фыдæбон у ахадгæ æмæ тынг ахсджиаг. Сæйрагдæр сын у адæмæн æххуыс кæнын, зын сахат сæ фарсмæ балæууын, уыимæ фыдбылызты фæстиуджытæ иуварс кæнын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ирвæзынгæнæджы æппæтуæрæсеон боны фæлгæты Цæгат Ирыстоны хуыздæрты фæбæрæг кодтой
Категория:
Новости и СМИ