Æрдæгарæзт объектты нымæц 2 азмæ 35% фæкъаддæр
Æрдæгарæзт объектты нымæц 2 азмæ 35% фæкъаддæр. Ныртæккæ ма дзы республикæйы баззад 450. Арæзтад æмæ архитектурæйы министрад бакуыста сæрмагонд план-графикыл. Уырдæм бахастой, эксплуатацийы кæй нæ радтой, уыдоны нымæц къаддæр кæныны мадзæлттæ. Уый фæрцы æхсæнуагдон къамисæн афæдзмæ бантыст объектты кӕцыдӕр хай раттын пайдагӕнӕг организациты къухтӕм. Стӕй иумӕйаг хыгъдмӕ нал хауынц, хардз кӕуыл нал кӕнынц, уыцы объекттӕ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv