Раздзоджы Гусаты уынджы цæрджытæ тыхсынц æнæ донæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 просмотров

6 лет назад

Раздзоджы цæрджытæ бирæ азты дæргъы сты донцух. Хъæуы сæры Гусаты уынджы адæм цалдæр боны вæййынц æнæ донæй. Кæм æхсæв ракæлы, кæм та бахъæуы сыхаг уынгтæй ласын. Адæм бафæлладысты уыцы риссаг фарстайæ. Хатгай сæм бануазынæн дæр хæдзары дон нæ вæййы. Гусаты уынджы цæрджытæ сæрдыгон æнæ донæй тухæнтæ кæнынц ныр бирæ азты дæргъы. Адæм куыд зæгъынц, афтæмæй хъæуы бын чи цæры, уыдон сæ цæхæрадæттæм дон ауадзынц. Иннæ цæрджытæ та уыцы рæстæг баззайынц цалдæргай бонтæ æнæ донæй. Уынджы цæрджытæн сæ фылдæр сты ацæргæ адæм. Бирæтæн се 'нæниздзинад бынтон хорз нæу. Дон та бахъæуы сыхаг уынгтæй ласын. Хатгай бануазынмæ дæр хæдзæртты дон нæ вæййы. Цалдæр бонмæ иу хатт куы ракæлы, уæд ведраты æмæ боцкъаты сæмбырд кæнынц дон. Адæм сæ цæхæрадæтты дæр фыдæбон кæнынц. Фæлæ, дон кæй нæй, уый аххосæй, цыдæриддæр ныссадзынц, уыдон бахус вæййынц. Хъæуæн йæ иу хайы цæрджытæ донæй æфсæст кæй сты, иннæтæ та 7 азæй фылдæр тухæнтæ кæй кæнынц, уымæй адæм бафæлладысты. Хъæуы дондзæуæн хæтæлтæ дæр ивинаг сты. Дон куы ракæлы, уæд хæтæлты цур сбирæ вæййы æмæ уынгты къанæуттæ раивылы. Адæм бынтондæр куы стыхсынц, уæд та бахатынц бынæттон администрацимæ. Уым куыд зæгъынц, афтæмæй системæ 1981 азы куы сарæзтой, уæд йæ дæргъ уыди 2 километры. Уый фæстæ ма йыл 1км. бафтыд. Мæ уый дæр доны фарстайыл æвзæрырдæм фæбæрæг. Бынæттон администрацийы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, хæстæгдæр рæстæг Бруты скусдзысты ног скважинæтæ. Уый хъуамæ фарста аиуварс кæна. Ныр та уал, адæм тыхсынц æмæ æнхъæлмæ кæсынц, донцух кæй нал уыдзысты, уымæ. Хуасдзауты Алинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Раздзоджы Гусаты уынджы цæрджытæ тыхсынц æнæ донæй

Категория:

Новости и СМИ