Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ сбæрæг кодтой Мæздæджы районы фæндæгты уавæр
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ дарддæр бæрæг кæнынц республикæйы фæндæгты уавæр. 2017 азæй нырмæ æххæст кæнынц сæрмагонд проект «Карта убитых дорог», зæгъгæ. Картæмæ фæндаджы уавæры тыххæй хъусынгæнинаг бахæссыны фадат ис республикæйы алы цæрæгæн дæр. Æппæт хъæндзинæдтæ дæр фронты уæнгтæ бахæццæ кæнынц бæрнон ведомствæтæм. Фурмановы номыл уынджы цы фæндаг ис, уый бындуронæй сцалцæг кодтой 2019 азы. Йæ уæлцъар ын раивтой, фæлæ люктæ домæнтæм гæсгæ нывылгонд не 'рцыдысты. Асфальты æмвæзадæй дæлдæр сты. Уый та домæнтæм гæсгæ раст нæу. Фурмановы æмæ Шевченкойы номыл уынгтæ кæм баиу вæййынц, уым специалисттæ фæбæрæг кодтой цалдæр хъæндзинады. Дарддæр æппæтуæрæсеон адæмон фронты минæвæрттæ сбæрæг кодтой октябры 50 азы уынгæн йæ фæндаджы уавæр. Ам дæр æй хæрз æрæджы сцалцæг кодтой. Фæлæ, дзы цалдæр люкы фæндаджы уæлцъарæй 4 -6 сантиметры дæлдæр сты. Шофырты ныхæстæм гæсгæ, уый фæндаггон змæлдæн хæссы зиан. Иуæй-иу уынгты люкты сæртæ асфальты бын фæкодтой. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй уый у уагхæлд. 1 сантиметрæй уæлдæр кæнæ дæлдæр фæндагæй хъуамæ ма уой. Уыимæ ма, æнæмæнг люктæн сæ алфамблай уа фæндаг цы æрмæгæй конд у, уымæй. Хетæгкаты Къостайы номыл уынджы хъæндзинæдтæ сбæрæг кодтой цалдæр мæйы размæ. Уæд дзы нæ уыд къæйдуртæ. Ныр æппæт аиппытæ аиуварс кодтой. Фæлæ, люкты уавæр раздæрау у зæрдæхсаинаг. Железнодорожныйы уынджы ацы аз майы дондзæуæн хæтæлтæ атыдтой. Ног фæндаджы уæлцъар уый аххосæй хæлд æрцыд. Хæтæлтæ баивтой, фæндаг та афтæмæй баззад. Фæндæгты уавæры фæдыл цы къуылымпыдзинæдтæ ссардтой, уыдоны тыххæй Мæздæджы районы администрацимæ фæхабар кæндзысты. Цыбыр рæстæгмæ аиппытæ хъуамæ иуварсгонд æрцæуой. Фæндæгты уавæры тыххæй фехъусын кæнын у республикæйы алы цæрæджы бон дæр. Сæрмагонд хъусынгæнинаг бахæссын хъæуы æппæтæуæрæсеон фронты проект «Карта убитых дорог»-мæ. Хуасдзауты Алинæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ сбæрæг кодтой Мæздæджы районы фæндæгты уавæр
Категория:
Новости и СМИ