Уæллаг Санибайы аразынц культурæйы хæдзар
Ног райдзаст Культурæйы хæдзар фæзындзæн Уæллаг Санибайы. Ныридæгæн арæзтад йæ тæмæны бацыд. Арæзт цæуы федералон программæ «Комплексное развитие сельских территорий»-ы фæлгæты. Уыдзæн дзы 200 бынæты. Уæллаг Санибайы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Дзебысаты Хъазыбег куыд зæгъы, афтæмæй куыстытæ фæззæгмæ фæуыдзысты. Культурæйы хæдзарæй уæлдай ма хъæуы хæстæгдæр рæстæг сывæллæттæн сараздзысты хиирхæфсæн бынат. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæллаг Санибайы аразынц культурæйы хæдзар
Категория:
Новости и СМИ