Абон у Баллаты Валодяйы мысæн бон
Фæлмæн æмæ уæздан хъæлæсы хицау, адæмæн уарзондæр артисттæй иу. Абон у Баллаты Валодяйы мысæн бон. Æгæрон курдиаты хицау егъау фæд ныууагъта ирон культурæйы æмæ, æнæмæнг, адæмы зæрдæты. Ирон театры кусын райдыдта 1935-æм азы. Уæд каст фæцис ГИТИС æмæ 60 азы дæргъы йæ зæрдæ не сивта йæ дæсныйадыл. Театры сценæйы сарæзта бирæ сурæттæ - Батраз спектакль «Нарты Батраз»-ы, Садуллæ «Чермен»-ы, Æхсарбег «Пæшæйы фæндон»-ы, Кассио «Отеллæ»-йы, Герцог Албанский «Король Лир»-ы æмæ ма бирæ æндæртæ. Уæдæ йæ зарджытæ та абон дæр сты парахат. Уæвгæ, ахæм алæмæты хъæлæсæн ферох кæнæн нæй. Баллаты Володяйы зарджытæ акæнынц æрыгон артисттæ дæр. Цæгат Ирыстоны адæмон, стæй Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артист ма уыд Фыдыбæстæйы стыр хæсты ветеран. Баллаты Валодя не 'хсæн нал ис ныр 26 азы. Зæрдæ дарæн ис, йæ сфæлдыстад кæй цæрдзæн æнусты. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Абон у Баллаты Валодяйы мысæн бон
Категория:
Новости и СМИ