Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуынц хъыггæнæн æмæ номарæн бонтæ
Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуынц хъыггæнæн æмæ номарæн бонтæ. Мысынц 2004 азы сентябры Беслæны фыццæгæм скъолайы амæттæгты. 16 азы размæ бæрæгбоны линейкæйы рæстæг скъоламæ æрбабырстой террористтæ. Фыдгæнджыты уацары бахаудысты 1 128 адæймаджы. Æртæ боны сæ дардтой спортивон залы æнæ дон æмæ хæринагæй. Теракты рæстæг фæмард 334 адæймаджы, уыдонæй 186 сывæллæттæ. Пырх скъолайы кæртмæ ацы бонты цæуынц теракты хъыгдæрд баййафджытæ, амæттæгты бинонтæ, Беслæны цæрджытæ, хицауады уæнгтæ. Æхсæвæй бонмæ фыццæгæм скъолайы сыгъдысты 334 мыдадзын цырагъы. Традицимæ гæсгæ сæ суддзысты æртæ боны. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуынц хъыггæнæн æмæ номарæн бонтæ
Категория:
Новости и СМИ