Цæгат Ирыстоны 2020-æм азы сцалцæг кодтой 39 бирæфатерон хæдзары
Цæгат Ирыстоны 2020-æм азы сцалцæг кодтой 39 бирæфатерон хæдзары. Иннæ аз уыцы бæрæггæнæн уыдзæн 47. Уый тыххæй информацион агентад ТАСС-æн фехъусын кодтой коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрадæй. Куыд фехъусын кодтой, афтæмæй бирæфатерон хæдзæртты бакуыстой бындурон рацарæзты Фонды руаджы. Цæгат Ирыстоны программæ æххæст кæнынц къорд азы. Фонды сайты фенæн ис алы хæдзары уавæры тыххæй информаци; кæд æй сцалцæг кæндзысты æмæ бындурон цалцæгæн цæрджытæ куыд фидынц, уый. 2021-2022 азты ма Дзæуджыхъæуы базилдзысты 20 бирæфатерон хæдзармæ, 24-мæ - Мæздæджы районы, фæйнæ иу хæдзармæ та - Рахизфарсы, Æрыдоны æмæ Горæтгæрон районты. Куыстытыл æмткæй райсгæйæ бахардз кæндзысты 218 милуан сомæй фылдæр. Министрады ма уæлæмхасæнæн фехъусын кодтой уый дæр, æмæ программæйы райдианæй Уæрæсейы цæрджыты хæсты нымæц бындурон цалцæгæн сси иу миллиард æмæ 400 милуан сомæй фылдæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны 2020-æм азы сцалцæг кодтой 39 бирæфатерон хæдзары
Категория:
Новости и СМИ