Республикæйы адæмты хæлардзинады хæдзары ацыд ирон æвзаг æмæ литературæйы боны кадæн мадзал
Республикæйы адæмты хæлардзинады хæдзары ацыд ирон æвзаг æмæ литературæйы боны кадæн мадзал
Республикæйы хæлардзинады хæдзары ацыд ирон æвзаг æмæ литературæйы боны кадæн сæрмагонд мадзал.Бацархайдтой дзы национ-культурон æхсæнадтæ, æхсæнадон куыстуæттæ, сфæлдыстадон иугондты минæвæрттæ, уыимæ районтæй скъоладзаутæ. Мадзаларазджытæ бацæттæ кодтой хъæздыг программæ — литературон кæстытæ. Фæсивæдмæ та æнхъæлмæ каст цымыдисаг хъазт, сæ зонындзинæдтæ дзы æвдыстой ирон æвзагзонынады. Мадзаларазджытæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй ахæм бæрæгбæттæ арæзт цæуынц æрвылаз дæр, сæйраг нысан у — мадæлон æзваг парахат кæнын, æнгом кæнын цæрджыты.