Чысыл хæдзарадты рæзтæн Цæгат Ирыстоны аразынц æххуысы мадзæлттæ
Чысыл хæдзарадты рæзтæн Цæгат Ирыстоны аразынц æххуысы мадзæлттæ. Уыцы куыст кæны хъæууон хæдзарады фермертæн æмæ кооперацитæн æххуысы сæрмагонд центр. Уымæй уæлдай куыстуат адæмæн аразы информацион-консультативон лæггæдтæ. Курдиат ныууадзæн ис центры официалон сайты. Æххуысагур ныридæгæн чи бахатыд, ахæмтæ дæр ис. Фылдæр фарстатæ баст сты гранттæ райсынимæ, хæххон бынæтты райрæзт æмæ хъармгæнæнтæ лæвар конкурсон бындурыл куыд ис райсæн, уыимæ. Специалисттæ дзуапп ратдзысты документтимæ баст фæрстытæн дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Чысыл хæдзарадты рæзтæн Цæгат Ирыстоны аразынц æххуысы мадзæлттæ
Категория:
Новости и СМИ