Журнал «Ирæф» сбæрæг кодта йæ 30 азы юбилей
Журнал «Ирæф» сбæрæг кодта йæ юбилей. 30 азы размæ рухс фета журналы фыццаг номыр. Мыхуыры цæуын райдыдта 1991 азы, дыгурон диалектыл. Йæ бындурæвæрæг — ирон поэт æмæ прозаик Малиты Васо. Юбилейы фæдыл журналы сæйраг редактор Скъодтаты Эльбрусы хъæппæрисæй ацыд бæрæгбон. Кадджын мадзалы архайдтой республикæйы фысджыты цæдисы минæвæрттæ, студенттæ æмæ журнал кæсджытæ. Юбилейон изæры æрдзырдтой ахсджиаг фарстатыл, сæйрагдæр та — мадæлон æвзаг рапарахат кæнын æмæ бахъахъхъæныныл. Фӕнды сӕ сцымыдис кæнын фæсивæды ирон литературæмæ. Сæхи 'рдыгæй та ныфс бавæрдтой, кæй архайдзысты журнал ноджы уæлдæр æмвæзадмæ сисыныл. Литературӕйӕн аргъ чи кæны, уыцы дзыллæты зæрдæтæ та сæ ног куыстытæй барухс кӕныныл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Журнал «Ирæф» сбæрæг кодта йæ 30 азы юбилей
Категория:
Новости и СМИ