Æгас Ирыстоны сбæрæг кодтой кадджындæр бæрæгбæттæй иу – Реком

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 просмотров

5 лет назад

Алыхуызон ерыстæ, зарджытæ, кæфтытæ æмæ куывдтытæ. Æгас Ирыстон сбæрæг кодта æппæты кадджындæр бæрæгбæттæй иу – Реком. Алчидæр æрбахаста йæ мысайнаг æмæ йæхи æргом дзуарыл бафæдзæхста. Рекомы кувæндонмæ адæм æнусты дӕрнгъы цыдысты Ирыстоны алы хъæутæй. Уæлдай тынгдæр ыл сæхи фæдзæхстой Уæлладжыры комы цæрджытæ. Рекомы бæрæгбон ацы хатт дæр рауад хæрзаив. Ирон дин фыдæлты фарныл лæууы. Хурхæтæны мæйы 19-æм бон. Цъæйы ком. Рекомы Уастырджийы бæрæгбон. Хуссарæй – Цæгатмæ, æгас Ирыстонæй ацы бон ардæм цы адæм æрбацæуы, уыдоны нымæц азæй – азмæ фылдæр кæны. Рекомы кувæндонæн йæ бынат – алæмæты бæстæ, зæдбадæн. Ам урссæр хæхты ’хсæн, тар хъæды хъæбысы адæймаг хуыздæр æнкъары йæ фыдæлты рагон æгъдæуттимæ бастдзинад. Рекомы тыххæй бирæ таурæгътæ ис. Сæ иумæ гæсгæ ацы кувæндон фæзынд, Хуыцау Нарт Батрадзы мæлæты фæстæ цы æртæ цæссыджы æрæппæрста, уыдонæй иуы бынаты. Ахуыргæндтæ куыд нымайынц, афтæмæй кувæндон сæвзæрд 14-æм æнусы. Сарæзтой йæ, æнусты дæргъы чи не ’мбийы, ахæм диссаджы хъæдæй. Рекомы Уастырджийы бынмæ нæлгоймæгтæ арæхдæр цæуынц урс дарæсы æмæ бæгъæввадæй. Уырдæм сылгоймаг нæ цæуы. Уыдонæн ис сæрмагонд бынат – Мадымайрæмы кувæндон. Бæрæгбонмæ цæттæ кæнын райдайынц æртæ боны раздæр. Æнæмæнг, æххæст кæнын хъæуы уды æмæ буары комдарæн. Уыцы рæстæг æнæзæгъинаг æмæ карчы фыд хæрæн нæй. Карз нозт нуазæн æмæ æвзæр дзыхæй дзурæн нæ фæччы. Циндзинад та æмбæлы кафт æмæ зардæй æвдисын. Фидаугæ дæр уыдонæй скæны. Кувæндонмæ цы æртæ чъирийы æрбахæссынц, уыдон хъуамæ хæдзары конд уой, кусарт дæр афтæ. Уæвгæ, кæд кусарт акæныны фадат нæй, уæд къух куыд амоны, афтæ. Реком у Ирыстоны нымаддæр бæрæгбæттæй иу. Кувæндонмæ адæм фæцæуынц Ирыстоны алы хъæутæй. Уæлдай тынгдæр ыл сæхи фæдзæхсынц Уæлладжыры комы цæрджытæ. Ацы бон ам æрæмбырд дуне адæм. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Æгас Ирыстоны сбæрæг кодтой кадджындæр бæрæгбæттæй иу – Реком

Категория:

Новости и СМИ