Абайты Васойы райгуырды 120 азы кадæн ахуырады кусджыты зонындзинæндтæ уæлдæргæнæн институты сарæзто
Ахуыргонд, иранистикæ æмæ ирон æвзагзонынады фæдыл бирæ куыстыты автор Абайты Васойы райгуырдыл ацы бонты сæххæст 120 азы. Абайты Васойæн уыд бирæ паддзахадон хорзæхтæ, егъау æнтыстытæ. Йæ зонадон куыстытæ хаст æрцыдысты зонады сызгъæрин фондмæ æмæ стыр æвæрæн бахастой иранистикæ иртасыны хъуыддагмæ. Ахуырады къабазы кусджытæ ахуыргонды æрымысыдысты. Бæлвырддæр нæ дарддæры æрмæджы. Ирон æвзаг дунейы æвзæгты æмрæнхъ сæвæрдта. Æгæрон уарзтæй уарзта зонад æмæ схызт йæ бæрзæндтæм. Зыдта 159 æвзаджы структурæ, авд æвзагыл та дзырдта æмæ фыста сыгъдæг. Фæлæ уæддæр баззад хуымæтæг, хæдæфсæрм адæймагæй. Иранистикæ æмæ лингвистикæйы гениалон ахуыргондæн дзæвгар бантысти саразын. Йæ зонадон куыстытæй зындгонд у æнæхъæн дунейы æвзагзонынады кусджыты `хсæн. Абайты Васо йæ зонындзинæдтæ нæ æвгъау кодта йæ фæдонтæн, æмæ ныр уыдон дæр дарддæр æххæст кæнынц йæ фæрнджын хъуыддаг. Конференцимæ Мæскуыйæ ссыдысты минæвæрттæ Мадæлон æвзæгты аасоциацийæ дæр. Уымæй уæлдай дзы архайдтой ахуыргондтæ. Ахуыргæнджытæ тынг æхсызгонæй сæмбæлдысты наукон иртасæн институты раззагдæр кусæг, филологон наукæты доктор Сокаты Дианæйыл. Уый йæ цымыдисаг раныхасы радзырдта Васойы æрмæджыты тыххæй. Абайты Васойы зонадон куыстытæ мыхуыр цыдысты дунейы бирæ бæстæты: Римы, Парижы, Будапешты, Берлины, Лондоны æмæ æндæр рæтты. Абон ирон æвзаджы цыдæриддæр лигвисттæ ис, уыдон ын иуылдæр зонынц йæ Ирон æвзаджы историон-этимологон дзырдуат. Ахуыргæнджыты ныхæстæм гæсгæ, ацы конференци рауад тынг пайдайаг, уымæн æмæ лæмбынæг цæстæй æркастысты Абайты Васойы æрмæджытæм. Конференцийы æххыуысæй раззагдæр наукон кусджытæ сæ фæлтæрдзинадимæ æнæвгъауæй базонгæ кодтой ахуыргæнджыты. Бакуыстой, цы ног хъуыдытæ сæм фæзынд, уыдоныл дæр. Ам Абайты Васойы фæдзæхстмæ гæсгæ, архайынц, мадæлон æвзаджы рæзт æмæ бахъахъхъæнынмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыдон. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Абайты Васойы райгуырды 120 азы кадæн ахуырады кусджыты зонындзинæндтæ уæлдæргæнæн институты сарæзто
Категория:
Новости и СМИ