Цæгат Ирыстоны ахуырдзаутæ архайынц олимпиадæйы ирон æвзаг æмæ литературæйæ
Цæгат Ирыстоны 9-æм æмæ 11-æм кълæсты ахуырдзаутæ архайынц олимпиадæйы ирон æвзаг æмæ литературæйæ. Муниципалон къæпхæны йæхи иттæг хорз чи равдыста, уыдон абон сæ зонындзинæдтæ æвдисынц республикон къæпхæны. Хæслæвæрдтæ арæзт сты тесты хуызы. Ис дзы мыртæ æмæ дзырдты арæзтадимæ баст фарстатæ, уыимæ хъуыдыйæды хуызты тыххæй. Хъæуы сбæлвырд кæнын синонимтæ æмæ антонимты хицæндзинæдтæ. Уымæй уæлдай, кæронбæттæны æнæмæнг цыбыр нывæцæн дæр. Олимпиадæйы архайынц нæ республикæйы æппæт районтæй ахуырдзаутæ. Ивгъуыд аз архайджытæ уыдысты сæдæмæ 'ввахс, ныр сæ нымæц у 2 хатты фылдæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны ахуырдзаутæ архайынц олимпиадæйы ирон æвзаг æмæ литературæйæ
Категория:
Новости и СМИ