РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеслав арфæйы фыстæг арвыста Турчы цæрæг ирæтты æхсæнад «Алан»-ы
Битарты Вячеслав арфæйы фыстæг арвыста Турчы цæрæг ирæтты æхсæнад «Алан»-ы сæрдар Хъуысаты Садреттинæн. Схорзæхджын æй кодтой, Беслæны 2004-æм азы теракты хъыгдæрд чи баййæфта, уыдонæн кæй æххуыс кæны, уый тыххæй. Кады гæххæтты куыд нысангонд ис, афтæмæй уыцы æвирхъау цаутыл кæд 16 азы рацыд, уæддæр Ирыстоны рыст нæ мынæг кæны. Беслæны хъæуы ном та айхъуыст æгас дунейыл. Республикæ кæддæриддæр бузныг уыдзæн, гуманитарон æххуыс цы æхсæнадон æмæ хæрзаудæн организацитæ кæнынц, уыдонæй. Турчы цæрæг ирæттæн арфæ ракодта, аккаг медицинон æххуыс бакæнынмæ кæй фæкастысты, хъыгдæрдбаййафджыты реабилитацийæн æмбæлгæ уавæртæ кæй сарæзтой æмæ теракты амæттæгты кæй нæ рох кæнынц, æмæ сын сæ рухс нæмттæ цырдзæвæнтыл кæй æнусон кæнынц, уый тыххæй. Ахæм кады гæххæтытæ ма балæвар кодтой сæрмагондæй Турчы цæрæг ирæтты æхсæнад «Алан»-ы уæнгтæн Болиаты Кенанæн, Æлбегаты Эрджанæн æмæ Цориты Хусейнæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Битарты Вячеслав арфæйы фыстæг арвыста Турчы цæрæг ирæтты æхсæнад «Алан»-ы
Категория:
Новости и СМИ