Куыстдæттыны комитет æххуыс кæны скъоладзаутæн фидæны дæсныйад равзарынӕн
Куыстдæттыны комитет æххуыс кæны скъоладзаутæн фидæны дæсныйад равзарынӕн. Уый тыххæй специалисттæ аразынц профориентацион ахуыртӕ. Ацы хатт Дзæуджыхъæуы 48-æм скъолайы ахуырдзаутæн радзырдтой курортон туризмы тыххæй, ныртæккæ куыд рæзы æмæ дзы цы дæсныйæдтæ райсæн ис, уыдӕттӕ. Сывæллæттæн ма сарæзтой «Дзæуджыхъæу» фысымуаты экскурси. Уым сын бæлвырдæй радзырдтой, фысымуаты куыст куыд цæуы, уый. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Куыстдæттыны комитет æххуыс кæны скъоладзаутæн фидæны дæсныйад равзарынӕн
Категория:
Новости и СМИ