Цæгат Ирыстоны ацыдысты Хуссар æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдты ерыстæ хоккейæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

6 лет назад

Республикæйы ацыдысты Хуссар æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдты фыццаг æмæ дыккаг къæпхæнтæ хоккейæ. Мадзал аразджыты ныхæстæм гæсгæ, нæ командæ «Алайнаг барсытæ» сæхи равдыстой бæрзонд æмвæзадыл. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ кæройнаг къæпхæны сæ бынат у цæттæ. Хоккейæ хъазынц ныфсхаст æмæ æцæг лæгтæ. Кæд æмæ не `рмæджы хъайтартыл 12-гай азтæ йеддæмæ нæма цæуы, уæддæр. Фæлæ ихмæ рахизыныл æнувыд сты. Лæгкуты Вадим у сæ иу. Къахдзоныхтыл быры 8 азæй фæстæмæ. Архайдта бирæ ерысты. Куыд радзырдта, афтæмæй Хуссар федералон зылды æмæ Цæгат Кавказы федералон зылды ерысты архайын кæдфæнды дæр зын вæййы. Æппæты тыхджындæр командæтæ æмæ хъазджытæ дзы фæархайынц. Æдасдзинады уавæрты фæсивæд ихмæ рацæуынц æрмæст сæхæдæг. Тæрхæджытæй сæм кæсæг нæ вæййы. Фæлæ сæ сæ ныййарджытæ уæддæр нæ уадзынц. Æнæрбацæугæ сын нæ уыд. Хуссар æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдты ерысты фыццаг къæпхæн уыд Дзæуджыхъæуы. Дыккаг дæр ацыд Цæгат Ирыстоны. «Алайнаг Барсытæ» сæхи равдыстой иттæг хорз. Нæ командæмæ æрхауд кæронбæттæн ерысты архайыны бар. Æртыккаг кæронбæттæн къæпхæны уæлахиздзаутæ араст уыдзысты Третьякы кубок рамбулыныл ерыстæм. Уыдзысты дзы 9 командæйы нæ бæстæйы алы регионтæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны ацыдысты Хуссар æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдты ерыстæ хоккейæ

Категория:

Новости и СМИ