Парламенты æмбырды æрдзырдтой Цæгат Ирыстоны социалон экономикон райрæзтыл
Республикæйы Парламенты æмбырды æрдзырдтой Уæрæсейы Советы сæрмагонд Уынаффӕтӕ куыд æххæст кæнынц, ууыл. Сæрдариуæг дзы кодта Алексей Мачнев. Депутаттæ æрныхас кодтой Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон райрæзтыл. Сæрмагондæй сразы сты хъæууон хæдзарадон продукцийы хуызмæ гæсгæ маркировкæ кæнын. Аграрон æмæ зæххыты полититикæйы комитеты сæрдар Тетцойты Георгийы ныхæстæм гæсгæ, хъæууон-хæдзарадон продукци дихгонд уыдзæн хицæн сегменттыл. Органикон продукци хицæнгонд æрцæудзæн æнæорганиконæй. Аразджыты тыххæй информаци фенæн уыдзæн паддзахадон иумæйаг реестры. Закъоныпроекты руаджы хъæууон-хæдзарады хойрæгты хæрзхъæддзинад фæхуыздæр уыдзæн. Иннæ ахсджиаг фарста Уынал æмæ Фиагдоны хауæццæгтæ æмбырдгæнæнты рекультиваци. Абоны онг куыстытæ цæуынц пъланмæ гæсгæ. Экономикон рæзты министры ныхæстæм гæсгæ, фатертæ лæвæрд æрцыд, йæ цæрæнбынат æнæбары чи ныууагъта, 2 мин ахæм адæймагæн. Æртæ азмæ уыцы хъуыддагæн рахай кодтой 5 млрд сомæй фылдæр. Бæрнон кусджытæ ма æрдзырдтой культурæйы, æнæниздзинад хъахъхъæнынады æмæ социалон къабазы объектты арæзтадыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Парламенты æмбырды æрдзырдтой Цæгат Ирыстоны социалон экономикон райрæзтыл
Категория:
Новости и СМИ