Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуы фæззыгон сидт æфсæддон службæмæ
Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуы фæззыгон сидт æфсæддон службæмæ. Ацы аз республикӕйӕ арвитынвӕнд кӕнынц 400 адӕймаджы онг. Службӕйы æмгъуыд раздæрау у афæдз. Æфсады размæ фæсивæд цæуынц медицинон, профессионалон-психологон æркаст. Куы бахъӕуы, уӕд сӕ арвитынц уӕлӕмхасӕн сгӕрстмӕ. Ӕмбырдгӕнӕн пункты сидтонтӕ райсынц сæрмагонд уӕлӕдарӕс ӕмӕ бынатмӕ цӕуынӕн хъæугæ дзауматæ. Лæппутæ службӕ кӕндзысты сурзӕххон ӕфсӕдты, хӕстон-денджызон флоты ӕмӕ уӕлдӕфон-космосон тыхты. Ацы аз ма аивта сидтонты хыгъды фӕтк: семӕ ӕмархайд ивынц нымæцон хуызмæ.
Название:
Цæгат Ирыстоны дарддæр цæуы фæззыгон сидт æфсæддон службæмæ
Категория:
Новости и СМИ