Дыгуры р. ахсджиаг социалон æмæ æхсæнадон объекттæм абон сæ цæст æрдардтой районы хицауады уæнгтæ
Дыгуры районы ахсджиаг социалон æмæ æхсæнадон объекттæм абон сæ цæст æрдардтой районы хицауады уæнгтæ. Журналисттæн пресс туры фæлгæты фенын кодтой бынæттон ахсджиагдæр объектты уавæр. Семæ абалц кодта не сфæлдыстадон къорд дæр. Дигорайы 2-æм скъолайы 900 сывæллонæй фылдæр ахуыр кæны, нæ республикæйы æппæты егъаудæртæй иуыл нымад у. Цæмæй ахуырад æмбæлгæ æмвæзадыл цæуа, уый тыххæй дзы аразынц хъæугæ уавæртæ. Ацы аз скъолайы байгом кодтой «Точка роста»-йы дыууæ къласы. Скъоладзаутæ дзы архайынц нырыккон технологитæй. Ахуыр сæ кæнынц квадракоптертæ, 3D-принтертæ æмæ нымæцон программæтимæ кусыныл. Сæ арæхстдзинад бæрзонд кæнынц шахмæтты дæр. Ахуыргæнджытæ зæгъынц, ныр сывæллæттæм уæлдай цымыдисагдæр кæсы зонындзинæдтæ исын. Спортæй архайынæн дæр скъоладзаутæн ам хорз уавæртæ сарæзтой. Ацы аз дзы сифтонг кодтой бирæвæрсыг спортивон фæз. Æнæниздзинады цардыуагæн дзы алцыдар ис: футбол æмæ волейболæй хъазынæн фæзтæ, тренажертæ, суанг ма воркаутæй архайынæн гæрзтæ дæр. Нырыккон технологитимæ æмдзу ныр кæнынц Дигорайы 3-æм скъолайы дæр. Ам та, федералон программæ «Успех каждого ребенка»-мæ гæсгæ сарæзтой компьютерон кълæстæ. Сывæллæтты ахуыр кæнынц моделировани æмæ робототехникæйыл. Риссаг фарста ацы скъолайы уыди хæрæндоны уавæр – заууатмæ æрцыд. Ног дзы сарæзтой районы бюджеты фæрæзтæй. Ныр сабитæн тæвд хæринаг хæрын кæнынц ног агъуыстыты. Райдиан кълæсты аходæнмæ уæлдай цæстард цæуы ам. Æппынæдзух æй бæрæг кæнынц куыд бæрнон кусджытæ, афтæ ныййарджытæ дæр сæхæдæг. Сæ ныхæстæм гæсгæ, зæрдæхсаинагæй ницы уынынц. Скъолайы агъоммæ хъомылад дæр ахсджиаг бынат ахсы Дыгуры районы. Цæмæй сывæллæтты рæвдауæндæттæм рады лæууыны хъуыддаг аиуварс кæной, уый тыххæй сарæзтой уæлæмхасæн бæстыхай. Фæзынд дзы 55 ног бынаты. Хъуыддаг къухы бафтыд национ проект «Демография»-йы руаджы. Кульурæйы бынæттон хæдзар дæр йæ хуыз скалдта. Æрæджы йæ рацарæзтой æмæ мæнæ ахæм у ныр йæ сæйраг зал. Культурæйы хæдзары разамонæг Наталья Багомедова куыд зæгъы, афтæмæй бæстыхай æххæстæй нывылгонд не`рцыд, фæлæ райхалинаг фарстатæ аиуварс кодтой республикæйы сæргълæууæджы æххуысæй. Культурæйы федералон программæмæ гæсгæ та сног кодтой материалон-техникон базæ. Балхæдтой музыкалон инструменттæ, кафынæн сценикон уæлæдарæс æмæ æндæр кусæнгæрзтæ. Сцæттæ Дигорайæ иувæрсты цæуæг фæндаг дæр. Фылдæр пайда у уæзæгтæ ласæг хæдтулгæтæн. Црау-Гариста фæндаджы уаццаг 3 км у. Пъланмæ гæсгæ ацы азы куыстытæ баххæст кодтой, ног азы сæ дарддæр кæндзысты. Фæндæгтæ, уыимæ ма къахвæндæгтæ, уынгтæ æмæ æхсæнадон бынæттæ банывыл кодтой Мустыздæхы дæр. Цæры дзы 800 адæймагæй фылдæр. Хъæуы хицау куыд зæгъы, афтæмæй бирæ бантыст ацы аз къухы, фидæнмæ фæндтæ дæр егъау сты. Ацы фæлладуадзæн парк та Николаевская станицæйы арæзт у. Цæмæй йæ рацаразой, уый тыххæй бынæттон цæрджытæ бахатыдысты сæхæдæг. Администраци сын сæ курдиат сæххæст кодта. Паркмæ базылдысты «Комфортная городская среда», зæгъгæ, национ проекты фæлгæты. Николаевская станицæйы скъолайы къорд рæстæджы размæ дæр ма дур дурыл нал уыд. Ахуыргæнæндон ныккæлынæввонг уыд. Бавдæлыдысты æмæ йæ ныппырх кодтой. Йæ бæсты та рацарæзтой мæнæ ацы дыууæуæладзыгон бæстыхай. Алцыдæр дзы ног у. Дыгуры районы рæзынц хъæууон хæдзарады авналæнтæ. Кооператив «Век» фосдарыны куыст кæны. Цалдæр азмæ дзы рауад егъау хæдзарад. Йæ уагъд продукци та апарахат æгас Цæгат Ирыстоныл. Цæмæй алы къабазы дæр район размæ рацæуа, уый тыххæй архайынц. Афтæ зæгъы, Дыгуры районы администрацийы сæргълæууæг Хъодзасты Марклен. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй нырма бирæ бакусинаг хъуыддæгтæ ис æмæ сыл архайынц. Ног азы къæсæрыл ног фæндтæ хорз фидауынц. Куыд сæ `ххæст кæндзысты, уый дæр уæдæ сæхицæй аразгæ у. Ныфс сæ ис, фадæттæ дæр - афтæ. Уæдæ сæ рæстæгæй дæр Дыгуры районы æнæхай ничи фæкæндзæн. Хъуамæ сæ фæндтæй исты рауайа. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дыгуры р. ахсджиаг социалон æмæ æхсæнадон объекттæм абон сæ цæст æрдардтой районы хицауады уæнгтæ
Категория:
Новости и СМИ