Дзæуджыхъæуы 27-æм скъолайы 7-æм къласмæ чи бахызт, уыцы ахуырдзаутæ абон лæвæрдтой тест
Дзæуджыхъæуы 27-æм скъолайы 7-æм къласмæ чи бахызт, уыцы ахуырдзаутæ абон лæвæрдтой тест. Куыд фарон, афтæ дзы ацы аз дæр аразынц химион-биологон кълас. Курдиат балӕвӕрдта 40 скъоладзауæй фылдæр. Сæ фылдæры фæнды фидæны сӕ куыст медицинæйы къабазимæ сбæттын. Æдæппæтæй сæ хъуыд бакусын 13 фарстайыл. Тест лæвæрдтой нæ республикӕйы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы домæнтæ хынцгæйæ. Тесты хатдзæгтæ сбæрæг кæндзысты 2 къуырийы фæстæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы 27-æм скъолайы 7-æм къласмæ чи бахызт, уыцы ахуырдзаутæ абон лæвæрдтой тест
Категория:
Новости и СМИ