Цæгат Ирыстоны хицауады æрдзырдтой спорты райрæзтыл
Спорты къабазы программæты æххæсткæнынадыл ныхас цыд Дзанайты Барисы разамындæй æмбырды. Премьер фæнысан кодта, æнæниз цардыуагæн нырыккон уавæртæ аразын у республикæйы фыццаградон хæстæй иу. Ацы аз материалон-техникон бындур сфидар кæнынæн, стæй паддзахадон æххуысæй спортивон мадзæлттæ аразынæн Цæгат Ирыстон рахай кæндзæн 20 милуан сомæй фылдæр. Уæлдай æргом - бæхыл бадыны спортивон скъолайы бæхдоны бындурон цалцæг. Объект хъæуы бахæссын федералон программæтæм. Уымæй уæлдай Дзанайты Барис йе 'ргом аздæхта ихын аренæйы куысты хъæндзинæдтæм æмæ бахæс кодта, цæмæй сæ аиуварс кæной.