Ахæм хабæрттæ // 2020 / 1 октября
Æппæт дунейы бæрæг кæнынц ацæргæ адæймаджы бон. Уый фæдыл арфæйы ныхæстæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ хистæр кары адæмæн рахай кодтой парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ. Хистæртæн æхсызгон уыд се ’рхъуыды æви нæ, уый базыдтам. Национ проект «Культурæ»-йы фæлгæты Алагиры районы базылдысты 4 бæстыхаймæ. Аивады бæрзæндтæм схизынæн фылдæр фадæттæ фæзынд Дзуарыхъæу æмæ Ногхъæуы сывæллæттæн. Бындуронæй дзы цалцæггонд цæуынц культурæйы хæдзæрттæ. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты фæсивæд архайы иумӕйаг акци «Тележка Добра»-йы. Сæрмагонд бокстæ сæвæрдтой Дзæуджыхъæуы æртæ стыр дуканийы. Кæй фæнды, уыдонæн фадат ис уыцы ран хойрæгтæ ныууадзын. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахæм хабæрттæ // 2020 / 1 октября
Категория:
Новости и СМИ